Путин: Уӕрӕсейы фӕндыд саразын сымахӕн сӕрибардзинад ӕмӕ хӕлардзинады уавӕртӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ раныхасы Ӕппӕтдунеон фӕсивӕдон фестивалы хайадисджытӕм банысан кодта, Уӕрӕсейы кӕй фӕндыд саразын алкӕмӕндӕр сӕрибардзинад ӕмӕ хӕлардзинады уавӕртӕ ӕмӕ бахахх кодта, уый кӕй бантыст саразын.

"Уӕ изӕр хорз, зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Ныфс мӕ ис, ӕмӕ стут хорз зӕрдӕйы уагыл. Фӕлӕ уæм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чысыл ӕнкъарддзинад дӕр ис, уымӕн ӕмӕ ныр уе ’мбӕлттӕ кӕй хонут, уыдонимӕ уын хъӕудзӕн ахицӕн кӕнын", - загъта Путин.

Путин: Уӕрӕсейы дуӕрттӕ гом сты ӕвзонг фæлтæрæн алы бӕстӕтӕй дӕр
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фестивалы аразджытӕ хайадисджытӕн куы загътой Уӕрӕсемӕ ӕрцӕуын, уӕд сӕ разы ӕвӕрдтой ӕнцон хӕслӕвӕрдтӕ.
"Мах фӕндыд саразын сӕрибардзинад ӕмӕ хӕлардзинады уавӕртӕ, кӕцыты фӕрцы сымахӕн уӕ бон уыдаид кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын, ног хӕлӕрттӕ ӕмӕ уӕ фидӕны ног проекттӕн ӕмбӕлттӕ ссарын, ныфс мӕ ис ӕмӕ уын бантыст", - загъта Путин.