ЦХИНВАЛ, 7 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Присы хъæуы ссардтой нæмгуыты æмбæхсæн, фехъусын кодта цыппæрæмы республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Министрады сапертæ райстой 7,62 калибры 88 нæмыджы æмбæхсæнæй Цхинвалы районы Присы хъæуы", - банысан кодтой уагдоны.
Хæстæрмæджытæ ратдзысты экспертизæмæ Мидхъуыддæгты министрады криминалистон лабораторимæ, уый фæстæ сæ скуынæг кæндзысты, бафтыдтой министрады.
Присы хъæуы ссардтой хæстæрмæджытæ
© Photo : Пресс-служба МЧС РЮО