Мæскуыйы ацыд Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концерт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы столицæ Мæскуыйы Чайковскийы номыл концертон залы ацыд Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы егъау концерт, хъусын кæны республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ.
Мадзал бакодтой Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ Уæрæсейы культурæйы министры хæдивæг Андрей Малышев.
"Хуссар Ирыстоны у хæдбар паддзахад, фæлæ йæ Уæрæсейы Федерациимæ иу кæнынц фидар хæларадон ахастытæ. Æмæ культурæйы къабаз у нæ адæмты иу кæныны сæйраг тыхтæй иу", - загъта Зæгъойты Рада.
УФ культурæйы министры хæдивæг Андрей Малышев банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон алыхатт дæр кæй уыдысты иумæ, æмæ сæ иу кæнынц хъарм хæларадон ахастытæ.