Паддзахадон ансамбль "Симд" суыдзæн проект "Мы – Россия"-йы æрвылазон хайадисæг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Паддзахадон ансамбль "Симд" 2024 азæй суыдзæн æппæтуæрæсейаг проект "Мы – Россия"-йы æрвылазон хайадисæг, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, уый фæдыл бадзырдтой РХИ культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ УФ культурæйы министры хæдивæг Андрей Малышевы фембæлды рæстæджы Мæскуыйы.
Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады бахахх кодтой, ацы программæйы хайадист кæй гом кæны Паддзахадон ансамбль "Симд"-æн ног перспективæтæ, æмæ йæ фæлгæтты уыдзæн гастролон туртæ Уæрæсейы регионтæм.
Мæскуыйы ацыд Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концерт