РХИ ӕмӕ Венесуэлайы минӕвӕрттӕ ӕрдзырдтой Гаглойты Алан ӕмӕ Николас Мадуройы фембӕлдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр къуырисӕры Венесуэлайы минӕвар Уӕрӕсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесы ӕрхуындӕй бабӕрӕг кодта Венесуэлайы минӕварад Мӕскуыйы.
РХИ минӕварады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй дипломаттӕ ӕрдзырдтой ӕмархайды фарстытыл, сӕ нымӕцы базарадон-экономикон ӕмӕ инвестицион ӕмгуыстад, афтӕ ма Хуссар Ирыстон ӕмӕ Венесуэлайы президенттӕ Гаглойты Алан ӕмӕ Николас Мадуройы фембӕлдыл.
Гасситы Знауыр бузныг загъта хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, Венесуэлайы минӕвары балцмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Ирыстоны. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны адӕм хъуыды кӕнынц Венесуэлайы команданте ӕмӕ адӕмы фидар позици Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны фарсты 2009 азы.