Дзӕуджыхъӕуы капиталон цалцӕг скӕндзысты 11 скъолайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Капиталон цалцӕджы фӕдыл федералон программӕйы фӕлгӕтты Дзӕуджыхъӕуы 2024 азы райдайдзысты цалццӕгӕнӕн куыстытӕ 11 скъолайы, фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуы мэр Милдзыхты Вячеслав.
Уый размӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло фехъусын кодта, капиталон цалцӕджы гуырахстмӕ гӕсгӕ Цӕгат Ирыстон ис фӕндзӕм бынатыл Уӕрӕсейы.
"2024 азы сцалцӕг кӕндзысты скъолатӕ: № 40, №42, №43, № 17, №18, №21, №25, №29, №36, №5, №7. Цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы къласты хай ахуыр кӕндзысты дыккаг сменӕйы, уый фӕрцы фадат уыдзӕн ӕххӕст кӕнын арӕзтадон куыстытӕ ахуырадон процесс ма ‘рлӕууын кӕнгӕйӕ", - банысан кодта мэр.
Милдзыхты Вячеслав бафтыдта, зӕгъгӕ, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ нывӕндынц райдайын апрелы.
Дзӕуджыхъӕуы капиталон цалцӕг скӕндзысты 11 скъолайы