ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан æртыццæджы бавдыста миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруаты кусджытæн ног хистæры – милицийы дæлбулкъон Битеты Вадимы. Уый тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Дæлбулкъон Битеты Вадим уый размæ уыд паспортон-визæйон службæйы фæткдаруаты хистæры хæдивæг. Уый кусы мидхъуыддæгты органты 1999 азæй фæстæмæ. Куыста алыгъуызон бынæтты экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы фæткдаруаты æмæ паспортон-визæйон службæйы фæткдаруаты", - дзырдæуы хъусинаджы.
Абон ма МХМ сæргълæууæг бавдыста Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæн ног командæгæнæг Гæбæраты Алимы.