Путин: Ныгуылӕны бӕстӕтӕ сты ӕдых уӕрӕсейаг адӕмы иудзинады раз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Ныгуылӕны бӕстӕты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕны фӕстӕ фӕндыд скуынӕг кӕнын Уӕрӕсейы, фӕлӕ уыдон сты ӕдых уӕрӕсейаг адӕмы иудзинад, уӕрӕсейаг финансон-экономикон системӕ ӕмӕ Гарзджын тыхты фадӕтты раз. Уый тыххӕй фехъусын кодта президент Владимир Путин йӕ интервьюйы журналист Дмитрий Кисилевӕн "России 1" ӕмӕ РИА Новостийӕн.
Путины хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ныгуылӕны элитӕты нӕ фӕнды уынын сыхагӕй ахӕм егъау бӕстӕйы, ӕмӕ уыдон хъуыды кӕнынц, цӕмӕй йӕ адих кӕной хӕйттыл.
"Уырдыгӕй ацыд лозунг – рамбулын Уӕрӕсейы тохы быдыры. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон райдыдтой ӕмбарын, уый кӕй нӕй сӕххӕст уыдзӕн. Уыдон бамбӕрстой, кӕй сты ӕдых уӕрӕсейаг адӕмы иудзинад, уӕрӕсейаг финансон-экономикон системӕ ӕмӕ Гарзджын тыхты фадӕтты раз", - бахахх кодта уӕрӕсейаг лидер.
Путин бирӕ хатт банысан кодта, Мӕскуы кӕй нӕ нывӕнды уӕрӕх кӕнын украинӕйаг конфликт, фӕлӕ архайы, цӕмӕй тагъддӕр фӕуа.