Хуссар Иры ӕвзонг теннисисттӕ расгуыхтысты ЦКФЗ ерысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы минӕвӕрттӕ Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды расгуыхтысты Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерысты. Ӕртыккаг бынатыл ацыдысты чызджыты ӕмӕ лӕппуты командӕтӕ дӕр. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан.
Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕ уӕлыстъол теннисӕй 16 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн цыдысты 9-14 марты Кӕсӕг-Балхъары республикӕйы.
"Нӕ хъомылгӕнинӕгтӕ архайдтой Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды, дыууӕ къорд дӕр систы бронзӕйон призертӕ. Лӕппуты командӕйӕн хъазыдысты Балдан Дашиев ӕмӕ Ролани Кулешов, чызджыты хсӕн та Касрадзе Майя, Цхуырбаты Ирина, Тедеты Алина, Къуылыхты Зӕринӕ ӕмӕ Хъуылымбегты Виктория", - загъта тренер.
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр та командӕ йӕхи рӕвдз кӕны Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕм уӕлыстъол теннисӕй 14 азы кары онг фӕсивӕды хсӕнмӕ.
Фӕсивӕды бацӕттӕ кодтой тренертӕ : Джиоты Мириан, Остъаты Лидия ӕмӕ Уалыты Ирина.