Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайад радта дыууæ генераторы СÆО хæстонтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik. Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ балхæдтой дыууæ генераторы сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хæстонтæн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ балхæдтой дыууæ генераторы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы уæвæг хæстонтæн. Цхинвалы сæ уыдон радтой СÆО хайадисджытæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны пунктмæ", - банысан кодтой уагдоны.
МХМ бафтыдтой, зæгъгæ, милицийы кусджытæ æмбарынц, куыд ахсджиаг у æххуыс кæнын фронты уæвæг хæстонтæн, æмæ сын электроифтонгад та фенцондæр кæндзæн сæ цардуагон уавæртæ.
Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайад радта дыууæ генераторы СÆО хæстонтæн