Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Уӕрӕсейаг агентадтӕ Sputnik ӕмӕ ТАСС рухс таудзысты УФ президенты ӕвзӕрстытыл Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Абоны бонмӕ Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстытыл рухс тауыны акрредитаци Хуссар Ирыстоны райстой дыууӕ уӕрӕсейаг ДИФ - Sputnik ӕмӕ ТАСС. Уый тыххӕй Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы рӕстӕджы радзырдта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
"Мах нӕ райстам уӕлӕмхасӕн куырдиӕттӕ Централон ӕвзарӕн къхамисӕй. Ӕндӕр ДИФ-тӕ ӕмӕ хӕдбар цӕстдарджытӕн барлӕвӕрдтӕ куы радтой, уӕд махӕн дӕр фехъусын кӕндзысты. Махӕн нырма ис рӕстӕг", - загъта минӕвар.
Марат Кулахметов бафтыдта, зӕгъгӕ, нырма бӕрӕг нӕу, уыдзӕн ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты Хуссар Ирыстоны ӕви нӕ.