Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Хуссар Иры премьер-министр схъæлæс кодта Уæрæсейы президенты æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ,15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин схъæлæс кодта Уæрæсейы президенты æвзæрстыты уæрæсейаг минæварады æвзарæн фадыгыл, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Премьеримæ иумæ хъæлæскæнынады хайад райстой хицауады сæрдары хæдивæг Джиоты Алан, хицауады аппараты кусджытæ сæ разамонæг Пæррæстаты Алинайы сæргълæудæй.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.
Хуссар Иры премьер-министр схъæлæс кодта Уæрæсейы президенты æвзæрстыты