Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

УУМ кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц ӕдасдзинад Хуссар Иры ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц ӕдасдзинад ӕвзарӕн фадгуытыл Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны.
"Уагдоны кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц зынгсирвӕзтон ӕдасдзинад ӕмӕ оперативонӕй цӕудзысты уӕвинаг уӕлвӕткон цаутӕм", - дзырдӕуы министрады пресс-службӕ йы хъусинаджы.
Уый размӕ зынгсирвӕзтон ӕдасдзинады домӕнтӕ ӕххӕст кӕныны нысанӕн уагдоны специалисттӕ басгӕрстой хъӕлӕсӕкӕнынад уадзыны бынӕттӕ.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.