ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Æртæбонон хъæлæскæнынад уагъд цæуы æрмæстдæр 16 æвзарæн фадыджы æртæ фæсарæйнаг бæстæйы: Кипр, Тайланд æмæ Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодта Централон æвзарæн къамисы (ЦÆК) уæнг Павел Андреев.
"Хъæлæскæнынад æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты – уагъд цæуы 16 фадыджы æртæ фæсарæйнаг бæстæйы… Кипр, Тайланд æмæ Хуссар Ирыстоны. Аннæ æвзарæн фадгуытыл хъæлæскæнынад цæуы æрмæстдæр 17 марты", - загъта Андреев Уæрæсейы ЦÆК информацион центры.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.