Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Хуссар Иры схъæлæс кодтой 7800 адæймаджы Уæрæсейы президенты æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Хуссар Иры схъæлæс кодтой 7800 адæймаджы Уæрæсейы президенты æвзæрстыты хъæлæскæнынады фыццаг бон. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Уæрæсейы минæварады консулон хайады хистæр Хуссар Ирыстоны Степан Тапанан.
Абон æвзарæн фадгуытæ республикæйы территорийыл ногæй байгом сты райсом 8 сахатыл.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.