Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Бирæ адæм цæуынц. Дменисы æвзарæн фадыгыл схъæлæс кодтой 300-йæ фылдæр адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Санахъоты Анна. Хуссар Ирыстоны Дменисы хъæуы æвзарæн фадыгыл № 8364 хуыцаубоны 12.30 сахатмæ схъæлæс кодтой 300 адæймаджы Уæрæсейы президенты æвзæрстыты. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта æвзарæн къамисы сæргълæууæг Петр Мазин.
"Адæм тынг активонæй цæуынц. Æвзарæн къамисы уæнгтæ иудадзыг кæнынц кусгæ, уымæн æмæ адæмы стыр поток дзы вæййы. Абон хуыцаубоны, æнхъæлмæ кæсæм ноджы фылдæр адæммæ", - загъта уый.
Мазин банысан кодта, æвзарæн фадыгыл хъæлæскæнынады рæстæджы фæткхæлдтæ кæй нæ сбæрæг кодтой.
Æвзарæн фадыг ис бынæттон администрацийы бæстыхайы.