Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024

Хуссар Иры 15 минæй фылдæр адæймаджы схъæлæс кодтой Уæрæсейы президенты æвзæрстыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 15 минæй фылдæр адæймаджы схъæлæс кодтой Уææсейы президенты æвзæрстытыл хуыцаубоны 14.00 сахатмæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Уæрæсейы консулон хайады хистæр Хуссар Ирыстоны Степан Тапанан.
Бæрæггæнæнтæ æрбавдыстой развæлгъау хъæлæскæнынады фæстиуджытæ хынцгæйæ.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.