Мæскуы йæ цæст æрдардта Хуссар Иры фидар æдасдзинад æххæст кæнынмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) разамонæджы хæдивæг Михаил Галузин фембæлд ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттимæ Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон женеваг дискусситы рæстæджы, хъусын кæны уæрæсейаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
"Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Æхсæнадæмон женеваг дискусситы радон раундмæ цæттæкæнынады нывæстыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæрæсейаг делегаци йæ цæстдард аздæхта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фидар æдасдзинад æххæст кæныны фарстытæм.