Цхинвалы Национ музейы уагъд цӕуы равдыст "Сталинир"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Национ мезйы байгом равдыст "Сталинир", кӕцы нывонд у республикӕйы столицӕйы ном раивыны 90 азы юбилеймӕ. Музейы экскурсовод Бекъойты Олеся куыд банысан кодта, афтӕмӕй уазджытӕ стыр аргъ скодтой равдыст ӕмӕ экспонаттӕн.
Советон Цӕдисы ЦӔК президиумы уынаффӕйӕ 1934 азы 17 марты горӕт Цхинвалы ном раивтой Сталинирмӕ. Ацы рӕстӕгӕй 1961 азмӕ Хуссар Ирыстоны автономон областы административон центр хаста Иосиф Сталины ном.
"Равдыст, сӕйраджыдӕр, цымыдис кӕны адӕмы, кӕцыты хонынц ӕцӕг "сталинирӕгтӕ". Уыдоны зӕрдӕмӕ равдыст тынг фӕцыд", - загъта Бекъойты Олеся.
Цхинвалы Национ музейы уагъд цӕуы равдыст "Сталинир"
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, равдысты организацийы хайад истой республикӕйы цӕрджытӕ дӕр, кӕцытӕ ӕрбахастой раритетон экспонаттӕ.
"Экспозицимӕ бирӕ ӕрмӕджытӕ ӕрбахастой горӕты цӕрджытӕ. Цӕвиттонӕн, рагон советонфотоаппарат ӕмӕ видеокамерӕ "Красногорск". Фӕлӕ экспонатты фылдӕр хай райстой зӕронд музейы архивӕй, кӕцы уыд 13 Коммунары уынгыл", - загъта уый.
Экскурсовод бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕцыдӕр экспонаттӕ бахъуыд реставраци кӕнын.
Цхинвалы Национ музейы уагъд цӕуы равдыст "Сталинир"