Хуссар Иры хӕстонтӕ цӕуынц тактикон цӕттӕкӕнынад быдырон уавӕрты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Мулдарты Зелимы номыл сӕрмагонд нысаниуӕджы батальоны ӕфсӕддонтӕ цӕуынц тактикон цӕттӕкӕнынад быдырон уавӕрты, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Ацы этапыл дӕлхайады сӕрмагонд сконд хуыздӕр кӕны тактикон цӕттӕдзинад. Хӕстонтӕ кусынц къорды архайдыл ӕмӕ штатон хӕцӕнгарзӕй ӕхсыныл уӕззау тактикон уавӕры рӕстӕджы", - радзырдтой министрады.
Ахуыртӕ уагъд цӕуынц этаптӕм гӕсгӕ – батальоны алкӕцы ротӕимӕ дӕр, бафтыдтой Хъахъхъӕнынады министрады.
Хуссар Иры хӕстонтӕ цӕуынц тактикон цӕттӕдзитнад быдырон уавӕрты