Транскамы бакодтой фӕндагон змӕлд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой фӕндагон змӕлдӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Транскам сӕхгӕдтой автотранспорты змӕлдӕн знон ӕхсӕв ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйты ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй.
"Транскамы 8:30 сахатӕй систой арӕнӕвӕрдтӕ автотранспорты змӕлдыл", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.