УФ ÆХМ сног кодтой "Крокус"-ы теракты зианбаййафджыты номхыгъд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik. Уæрæсейы Мæскуыйы областы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад (ÆХМ) сног кодта "Крокус сити холл"-ы теракты зианбаййафджыты, уым ис 154 адæймаджы.
Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 107 адæймаджы сты госпитализацигонд, 44 исынц амбулаторон æххуыс, ноджы æртæ пациенты та рафыстой. Номхыгъд фыст ис Мæскуыйаг областы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады официалон сайтыл.
Æхстытæ æмæ зынгзирæзт æрцыд 22 марты изæры концерты размæ "Крокус сити холл"-ы Мæскуыйы област Красногорскоейы. Залмæ бахызтысты цалдæр нæлгомайджы, уыдон райдыдтой æхсын адæмы æмæ сыл калдой рæмудзæн æрмæджытæ.
Фæдагуырды комитеты фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цауы фæстиуæгæн амардысты 133. Уæрæсейы Президент Владимир Путин 24 марты æппæтнацион траур.