ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æрдзырдта къуырисæры ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Асланимæ ахуырады системæйы модернизацийы актуалон фарстытыл. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Лолаты Аслан радзырдта президентæн абитуриентты бацæуыны фæткы тыххæй ахуыргæнæндæттæм.
"Хуссар Ирыстоны адæм æмæ парламентмæ Дæ Ныстуаны фæлгæтты мах бакуыстам ацы фарстыл Цæгат Кавказы федералон университеты минæвæрттимæ. Ныр абитуриент университетмæ куы бацæуа, уæд бафысдзæн контракт, цæмæй ахуыры фæстæ æмбæстаджы æнæмæнг райсой куыстмæ республикæйы", - загъта министр.
Лолаты Аслан бахахх кодта, зæгъгæ, кæд зындзинæдтæ фæзына куыстбынæттимæ, уæд æмбæстагæн ратдзысты бар кусын Хуссар Ирыстоны территорийы æддейæ.
Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд педагогон кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл мадзæлттæ уадзыны механизмтæ фæхуыздæр кæныныл.