Хуссар Иры скъоладзаутæн райдыдтой уалдзыгон каникултæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ ацыдысты уалдзыгон каникултæм къуырисæрæй – 25 мартæй. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Ахуырады министрады скъолайы агъоммæ, иумæйаг æмæ уæлæмхасæн ахуырады фæткдаруаты хистæры хæдивæг Цхуырбаты Вильма.
"Республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ улæфдзысты аст боны: 25 мартæй 1 апрелы онг", - загъта уый.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, 2 апрелы сног кæндзысты ахуыр.