Мады мӕсыг. Ӕнкъард бӕлццон. Уӕзӕджы къӕйыл. Уазал чъылдым

Sputnik
Тбилис – Цхинвал поезды цыппӕрӕм вагоны баиу сты бирӕ зонгӕтӕ. Сӕ фӕндаг фӕцыбырдӕр кӕнынӕн сӕм афтӕ хуыздӕр кастис, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн лыстӕггай дзырдтой сӕ балцы цымыдисондӕр цаутӕ. Куыдфӕстагмӕ дзырдарӕхстдӕртӕ ахызтысты зӕронд хабӕрттӕм ӕмӕ хъӕлдзӕг ныхӕстӕм…
Вагоны ӕппӕт бӕлццӕттӕй худыны зӕрдӕйыл нӕ уыдис рудзынггӕрон иунӕгӕй бадӕг ацӕургӕ лӕг Моккаты Сослан.
Лӕг вагоны рудзынджы цур бакъул ӕмӕ нынныгъуылд. Ӕнӕуыйдӕр къаннӕг лӕг цӕсты бынтон нал ахадыдта. Йӕ ӕмбӕлццӕтты ныхӕстӕн ницы ӕмбӕрста. Искӕй хъӕлдзӕг хабӕрттӕ йӕ не ‘ндӕвтой. Йӕхи сагъӕстӕ йын фагӕй фылдӕр уыдысты ӕмӕ ӕргъӕвстӕй бадтис…
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.