Мады мӕсыг. Цъоды ӕфцӕгыл. Фыццаг фыдбылыз

Sputnik
Сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ зонынц, тӕтӕр-монголтӕ сӕ астӕумагъз кӕмӕн асастой, уыцы алантӕй Моккатӕ кӕцы къалиу-къабазӕй сты, уый. Бӕрӕг уыд ӕндӕр хъуыддаг: иннӕ лигъдӕттау, Сосланы рагфыдӕлтӕм дӕр хох акастис фыдсыл дыккаг мады цӕстӕй. Хуыздӕр цард агурӕг Кавказы хорхрӕгътыл рахызтысты Хуссары ‘рдӕм. Ӕрӕнцайӕн бынӕтты агурӕг зылдысты алы кӕмтты. Иу къабаз дзы ӕрхӕццӕ ис стыр Леуахигомы ӕмбисмӕ ӕмӕ уым ӕрфидар ис.
Азтӕ цыдысты ӕмӕ Моккаты фӕсчъылдым никуыуал баззадис ӕрцӕрынӕн бӕзгӕ сӕрибар бынат. Гъе, ахӕм рӕстӕджы хохӕй быдыры ‘хсӕн чысыл ӕфцӕгрӕбын фӕзы иу хӕдзарвӕндаг ӕрбынат кодта. Фӕстагмӕ дзы фӕзындис Моккаты хъӕу.
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.