Хуссар Иры УУМ-ы радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны хӕхты уары хуылыдз мит, фехъусын кодта ӕртыццӕджы райсом республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Транскамы хуссарирыстойнаг фадыджы уары хуылыдз мит, цӕгатирыстойнаг фадыгыл та ис хорз боныгъӕд.
"Трассӕ кусы штатон режимы", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй хъавгӕ цыд кӕной фӕндагыл.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.