Транскамы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ транспорт ахаудта фæндаггæронмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Фæсарæйнаг маркæйы хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын Транскавказаг автомагистралы, хæдтулгæ ахауд фæндаггæронмæ, йæ эвакуацийæн бахъуыд фæдзурын сæрмагонд техникæмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
"Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы бынатмæ æрцыдысты министрады ирвæзынгæнджытæ, кæцытæ уавæр басгарыны фæстæ фæдзырдтой автоманипулятормæ хæдтулгæйы эвакуацийæн, уымæн æмæ йæ быны баззад стыр дур, радзырдтой уагдоны.
Министрады бафæдзæхстой, цæмæй Транскамыл хъавгæ цыд кæной.
Хуссар Иры УУМ-ы радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй