УУМ сапертæ ссардтой нæмгуытæ æмæ гранатæтæ Цхинвалы цæггатаг хайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæгаттаг хайы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн, хъусын кæны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Цхинвалы цæгаттаг хайы ссардæуыд хæстæрмæджыты æмбæхсæн, цы ран æдæппæт уыд алыгъуызон калибры 198 нæмыджы. Уымæй дарддæр ма дзы ссардтой дыууæ пехотæйы ныхмæ гранатæйы Ф-1, дыууæ запалы æмæ иу гранатæ РГО", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, сапертæ кæй райстой хæстæрмæджытæ, цæмæй сæ скуынæг кæной.
УУМ сапертæ ссардтой нæмгуытæ æмæ гранатæтæ Цхинвалы цæггатаг хайы