Хуссар Иры дыууӕ ӕмбӕстаджы ӕрбаздӕхтой бӕрндзинадмӕ наркотиктӕй пайда кӕныны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстаджы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Медицинон басгӕрсты протоколмӕ гӕсгӕ, Цхинвалы 33-аздзыд цӕрӕджы тӕрхондоны уынаффӕйӕ иу мӕймӕ сбадын кӕндзысты ахӕстоны наркотикон буарадтӕ "Метадон" ӕмӕ "Гӕн"-ӕй пайда кӕныны тыххӕй.
Дыккаг фӕткхалӕджы, Ленингоры районы 28-аздзыд цӕрӕджы фӕивар кодтой аст мин сомы "Гӕн"-ӕй пайда кӕныны тыххӕй.