Уыцы райсом Пора йæ "сыздыл кусæг зиууæтты" сæ хæдзармæ аздæхынмæ цæттæ кодта. Саукуыдз æмæ йæ фырттæ бæстон бастой хъæбæрхоры æргъæмттæ.
Пора скъæты архайдта. Æваст æм лæскæры фаллаг фарсæй райхъуыст Фатимæйы тызмæг хъæлæс:
- Иуварс! Цалынмæ дын æхсидафæй дæ сæр нæ ныппырх кодтой!..
- Дæ къабæзтæ дзæгъæлы тилыс… Цас мæ тагъддæр æруарзай, уыйбæрц дын хуыздæр уыдзæнис…
- Ацу, æндæра Порамæ фæдзурдзынæн!.. Ам дæ скъуыхтæ кæндзæнис!.. Нæ дæ уырны?! Ацу, дæ туг фæкалай!..
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.