Мады мæсыг. Ног лымæнтæ. Фæстаг райсом. Чындзæхсæвы

Sputnik
Дагор æппæлын нæ зыдта. Кæд зыдта, уæддæр нæ уарзта. Æргомæй фау цæмæ не ‘рхастаид, уымæй зæгъæн уыд – хорзы æй нымайы.
Флæ куыдфæстагмæ Фатимæйы тыххæй Дагормæ æгомыгæй "æппæлын" фаг нал каст. Йæхицæн æй бауырнын кодта, йæ хæдзары сылгоймаг уынаффæгæнæг фæзындис…
Дагорæн ацы фарст дæр ссис хъуыдыйаг. Ирон лæджы цæсты сылгоймаг уыд, куыд хæдзарон дзаума. Ирæдæй йæ æлхæдтой. Хæдзары дæр йæ къуым уыд хицæн. Нæлгоймæгты фарсмæ йæ фынгыл бадын нæ уагътой. Аргъ нæ уыд йæ дзыхы ныхасæн…
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.