Мады мæсыг. Саукуыдз фæлвары. Сыджытæй æфсæст цæстытæ. Æртхъирæнтæ. Уæззау хъалон

Sputnik
Саукуыдзы фырттæ Фатимæ æмæ фырты агуырдтой изæрмилтыонг. Сæ къухы куы ницы бафтыд, уæд сæргуыбырæй здæхтысты сæ фыды цурмæ.
Уæдмæ Саукуыдзы сæры тæвд æрцыдис. Цы стыр бæллæхы бахауд, ууыл ныхъхъуыды кодта. Йæ сæрыл стыр фыдбылыз æрцыд, фæлæ йын ахæм хуызы айхъуысæнгæнæн нæ уыдис. Хъуыддаг лæгъздæрæй равдисынæн æнæмæнг æрхъуыды кæнын хъуыдис исты.
Æрхъуыды кодта…
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.