ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырийы дӕргъы регистрацигонд не ‘рцыд фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).
"Ивгъуыд къуыри республикӕйы территорийыл фыдракӕндтӕ регистрацигонд не ‘рцыд. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы. Иу къуыримӕ ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы", - дзыдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бахахх кодтой, зӕгъгӕ, авариты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ацы период сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 242 фӕткхалды, фараст шофыры скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй.