Мады мæсыг. Азæ. Уарт. Фыццаг цæф

Sputnik
Гоцъиа æмæ Азæйы чындзæхсæвæй дзæвгар рæстæг рацыд. Зарæйы æнæнхъæлæджы мæлæты хабарыл цадæггай рæстæджы æртхутæг æрбадтис. Чызджы тыххæй йæ зæрдæйы рис куыдфæстагмæ кæмæн тыхджындæр кодта, иунæг ахæм адæймаг уыдис Гоцъиа.
Удæгасæй иумæ фембæлыны амонд сын æгъатыр хъысмæт не сныв кодта. Йæ ингæны сыджыты обауимæ йын уæддæр куы фæныхæстæ кодтаид, лæппуйы уый фæндыдис. Йæ рыст зæрдæйæн афтæ бирæ æнцондæр уыдзæн.
Нартыхты Григолы роман "Мады мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.