Цӕгат Иры райдыдта экоакци "Уӕрӕсейы дон"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны майрӕмбоны райдыдта националон проект "Экологи"-йы ӕппӕтуӕрӕсейаг акци "Уӕрӕсейы дон", фехъусын кодта йӕ telegram-каналы республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Цӕгат Иры райдыдта экоакци "Уӕрӕсейы дон"
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон у акцийы иууыл активондӕр хайадисджытӕй иу: ивгъуыд аз республикӕ бацахста ӕртыккаг бынат рейтингы.
"Бархионтӕ ӕрвылаз ссыгъдӕг кӕнынц быронӕй цӕугӕдӕтты сӕдӕгай километртӕ республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты. Ацы куысты руаджы 2023 азы цӕугӕдӕтты былгӕрон бырон уыд ӕртӕ хатты цъусдӕр 2020 азмӕ абаргӕйӕ", - ныффыста регионы разамонӕг.
Меняйло бузныг загъта акцийы алкӕцы хайадисӕгӕн дӕр ӕмӕ банысан кодта, сӕ архайды фӕрцы Цӕгат Ирыстоны цӕугӕдӕттӕ ссисты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр.
Цӕгат Иры райдыдта экоакци "Уӕрӕсейы дон"