Хуссар Ир баззад æнæ хæтæлон интернетæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрурæдтой интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы куыст цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй.
Уый размæ интернет-провайдер "Юг-Телеком" фехъусын кодта, Алагир æмæ Зæрæджы æхсæн фадыгыл дыццæджы уагъд кæй цæудзысты магистралон куыстытæ.
"Интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы куыст ӕруромдзысты 9.30 сахатӕй 16.00 сахаты онг магистралон куыстыты тыххӕй Алагир ӕмӕ Зӕрӕмӕджы ӕхсӕн", - банысан кодтой "Юг-Телеком"-ы.
Хуссар Ирыстоны "Юг-Телеком"-ы хӕтӕлон Интернетӕй пайда кӕнынц столицӕйы цӕрджытӕ, афтӕ ма цалдӕр хъӕуы цӕрджытӕ Дзауы ӕмӕ Цхинвалы районы.