Мамысоны комы сбæрæг кодтой аст хъахъхъæнæн зонæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik. Хиарæзт агъуыстытæ дзы нæ уыдзæн, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло Мамысоны комы тыххæй республикæйы хицауады рабадтыл.
Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад дыццæджы сбæрæг кодта культурон бынты цыртдзæвæнты аст хъахъхъæнæн зонæйы Мамысоны комы: Цынайы-Дзуар, Самтхос-Дзуар, Камцхойы Реком, Камцхойы-Майрæм, Камцхойы-Каузæд, Моурауты æмæ Елойты мæсгуытæ, афтæ ма "Ныхас".
"Хиарæзт агъуыстытæ дзы хъуамæ ма уа! Нæ хæслæвæрд у бахъахъхъæнын Ирыстоны историон бынтæ. Нæ цæст уымæ дардзыстæм!", - банысан кодта Меняйло йæ telegram-каналы.
Мамысоны комы сбæрæг кодтой аст хъахъхъæнæн зонæйы
Республикæйы сæргълæууæг бафтыдта, зæгъгæ, хъахъхъæнæн зонæтæ æнæмæнгхъæугæ сты культурон бынты объекттæ бавæрын æмæ бахъахъхъæнынæн.
"Ныр дзы ам фидаргонд æрцыд зæххытæй пайда кæныны сæрмагонд режим, кæцымæ гæсгæ тобæ æвæрд æрцыд арæзтадыл æмæ арæнæвæрдтæ та хæдзарадон архайдыл", - бахахх кодта Меняйло.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм куыст уагъд цæудзæн республикæйы æппæт районты.