Парти "За Справедливость" сфидар кодта парламентон æвзæрстытæм кандидатты номхыгъд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik, Козаты Диана. Политикон парти "За справедливость" раразмæ кодта депутаттæм кандидатты номхыгъд.
Парти æртыццæджы ауагъта æнæрадон уанел.
Номхыгъды фыццаг фондз бынатыл сты: Мулдарты Гарри, Медойты Дзамболат, Санахъоты Давид, Мæлдзыгаты Андрей æмæ Диакъонты Амиран.
Парти "За Справедливость" сфидар кодта парламентон æвзæрстытæм кандидатты номхыгъд
Республикон номхыгъды æдæппæт ис фараст мыггаджы. Парти аскъуыддзаг кодта ма раразмæ кæнын кандидатты иумандатон зылдты, фæлæ балæудзæн кæцыдæр кандидатт фарсмæ.
Хуссар Ирыстоны парламенты æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны. Хайад райсыны бар дзы ис 12 партийæн.
Парти "За Справедливость" сфидар кодта парламентон æвзæрстытæм кандидатты номхыгъд