Хуссар Иры ӕрдзырдтой амалиуӕггӕнджыты бартӕ ӕххӕст кӕныныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕйы контролон уагдӕтты разамонджытӕ ӕмӕ республикӕйы экономикон райрӕзты министр Хъотайты Сӕрмӕты хайадистӕй ацыд рабадт, цы ран дзырд цыд "Паддзахадон цӕстдард ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы юридикон гоймӕгтӕ ӕмӕ индивидуалон амалиуӕггӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл" законы реализацийы фарстытыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Генпрокуратурӕйы пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, разамонджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы кӕй ӕрдзырдтой сӕ ӕххӕстбарты реализацийы къабазы проблемон фарстытыл, экономикон райрӕзты министр та ӕрсидт цӕстдардон уагдӕтты разамонджытӕм, цӕмӕй ӕрнывыл кӕной басгӕрст ауадзыны ӕмгъуыд ӕмӕ фӕтк.
Рабадты фӕстиуӕгӕн аскъуыддзаг кодтой Генпрокуратурӕйы контролы бын саразын нормативон акттӕ, кӕцытӕ ахъаз уыдзысты ацы законы реализацийӕн.
Хуссар Иры ӕрдзырдтой амалиуӕггӕнджыты бартӕ ӕххӕст кӕныныл