Гаглойты Алан басгæрста Згъудеры уæлмæрдмæ фæндагыл куыстытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан басгæрста Згъудеры уæлмæрдмæ фæндагыл куыстытæ.
"Фæндаджы цалцæг нывæсты уыд 2023 азмæ, фæлæ куыстытæм бавнæлдтой æрмæст дæр ныр. Фæндагон службæтæн бахæс кодтой уалдзæджы райдайын арæзтад. Куыстытæ нырма цæуынц цалдæр боны, фæлæ дзы фенæн ис егъау фæстиуæг. Кусджытæ æмæ техникæ кусынц æххæст тыхтæй", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Президент банысан кодта, кæй сцалцæг кæндзысты фистæг бæлццæтты фæндæгтæ дæр, кæцытæ цæуынц уæлмæрдмæ.
"Æрæввахс кæны стыр бæрæгбон – Куадзæн, æмæ адæм цæудзысты уæлмæрдмæ цалцæггонд фæндагыл", - бафтыдта президент.
Гаглойты Алан басгæрста Згъудеры уæлмæрдмæ фæндагыл куыстытæ