Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Республикæйы фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд иу фæндагон-транспорт цау (ФТЦ), кæцыйы фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрад (МХМ).
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иу къуыримæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 258 фæткхалды. Аст шофыры скъæрдтой автотранспортыл нозтджынæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл срегистраци кодтой иу фыдракæнд, кæцы раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ.
Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй милицийы кусджытæ æрцахстой æртæ адæймаджы.