Цӕгат Иры ныссагътой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хъайтарты номарынӕн бӕласдон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны станица Змейкӕйы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хъайтарты номарынӕн ныссагътой бӕласдон. Уый тыххӕй йӕ Telegram-каналы фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Мах Уӕрӕсеимӕ иумӕ сӕрыстырӕй ӕрбаиу стӕм ӕхсӕнадӕмон акци "Номарӕн бӕласдон"-мӕ. Ацы аз фыццаг эстафетӕ райста станицӕ Змейкӕ. Кӕрзы 3500 талайы сагъд ӕрцыдысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хъайтарты номарынӕн. Ацы бӕласдон уыдзӕн цард ӕмӕ фӕлтӕрты бастдзинады символ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Акци уагъд цӕуы националон проект "Экология"-йы фӕлгӕтты.