Цхинвалы æнахъом цæрæг сарæзта авари

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы 15-аздзыд цæрæг нæ сырæхст скъæрын æмæ сарæзта фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрад (МХМ).
Нысангонд æрцыд, 2007 азы гуырд Цхинвалы цæрæг нæ сырæхст скъæрын Toyota Mark X хæдтулгæйыл æмæ сæмбæлд электрондыхы цæджындзыл.
"Аварийы фæстиуæгæн цæфтæ райста 15-аздзыд пассажир, кцыйы бакодтой рынчындонмæ. Æнахъом шофырмæ æнхъæлмæ кæсы административон бæрндзинад", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, æнахъомы ныййарджытæм дæр æнхъæлмæ кæсы бæрндзинад транспортон фæрæз æнахъоммæ радтыны тыххæй.
Цхинвалы æнахъом цæрæг сарæзта авари