Президенты хъӕппӕрис: Хуссар Иры УУМ кусджытӕ исдзысты ӕфсӕддон пенситӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕрбавдыста законы хъӕппӕрис Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджыты ӕфсӕддон пенсийӕ сифтонг кӕныны фӕдыл.

"Президент Гаглойты Алан спайда кодта йӕ законадон хъӕппӕрисы барӕй ӕмӕ бахаста парламентмӕ законы проект, кӕцымӕ гӕсгӕ УУМ структурӕйы сбӕрӕг кӕндзысты дӕлхайӕдтӕ, кӕцыты службӕ нымад цӕудзӕн ӕфсӕддоныл", - загъта журналисттӕн президенты пресс-секретарь Босыкты Наталья.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, УУМ кусджыты социалон гарантитӕ ӕмӕ пенсион ифтонгады фӕдыл фарст бирӕ азты дӕргъы уыд боны фӕткы, паддзахады сӕргълӕууӕджы фӕрцы ацы проблемӕ лыг ӕрцӕудзӕн.
Парламент ӕввахс рӕстӕджы нывӕнды ӕркӕсын ацы фарстмӕ, бафтыдта Босыкты Наталья.