Лавров: Уӕрӕсе цӕттӕ у Украинӕимӕ баныхасмӕ, фӕлӕ не 'рлӕууын кӕндзӕн хӕстон архӕйдтытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Уӕрӕсе не 'рлӕууын кӕндзӕн хӕстон архӕйдтытӕ Украинӕимӕ баныхас куы райдайа, уӕд, фехъусын кодта Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров йӕ интервью радиостанцтӕ Sputnik, "Говорит Москва" ӕмӕ "Комсомольская правда"-ӕн.
"Фӕлӕ уӕддӕр мах загътам, кӕй стӕм цӕттӕ. Фӕлӕ Стамбулы историйӕ уӕлдай мах нал ӕрлӕууын кӕндзыстӕм хӕстон архӕйдтытӕ баныхасы период. Уымӕй дарддӕр реалитӕ фронты фӕивтой", - загъта Лавров.
Министр бахахх кодта, дзырд кӕй цӕуы ӕрмӕст ӕфсӕдты уавӕрыл нӕ, фӕлӕ ма конституцимӕ ивындзинӕдтыл дӕр – Уӕрӕсейы скондмӕ бахызтысты ног регионтӕ. Уыимӕ иумӕ Лавров фехъусын кодта, Уӕрӕсе кӕй нал ӕууӕнды Украинӕйы къухдариуӕгадыл.