РХИ Генпрокурор радзырдта президентæн резонансон уголовон хъуыддæгты фæдысгæрсты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокурор Собаты Григорий радзырдта президент Гаглойты Аланæн Абхазмæ РХИ Генералон прокуратурæйы делегацийы балцы фæстиуджыты тыххæй.
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы минæвæрттæ 14-16 апрелы хайад истой Абхазы генералон прокуратурæйы органты сæвзæрды 30-æм афæдзы боны цытæн мадзæлтты.
"Хуссарирыстойнаг делегацийы официалон балцы фæлгæтты Абхазы Генералон прокурор банхъардта æрвылаз аразын æмгуыстады Программæ æмæ иумæйаг мадзæлтты нывæст. Мах хорзыл банымадтам ацы хъæппæрис æмæ бадзырдтам бакусын ацы фарстыл", - загъта Собаты Григорий.
Генпрокурор ма радзырдта президентæн резонансон уголовон хъуыддæгты фæдыл фæдысгæрсты тыххæй.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæронбæттæн стадийыл сты Мамиты Ричард æмæ Цæголты Сергейы амарыны цауты фæдыл уголовон хъуыддæгты фæдысгæрст.
Президентæн ма фехъусын кодтой æндæр уголовон хъуыддæгтæ æмæ басгæрстты тыххæй, кæцытæ уадзы цæстдардон уагдон.