Уӕрӕсейы Ставрополы крайы ӕрхаудта хӕстон хӕдтӕхӕг Ту-22М3

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон ӕфсӕдты хӕдтӕхӕг Ту-22М3 ӕрхаудта Ставрополы крайы, хӕстон хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныны фӕстӕ базӕйы аэродроммӕ куы здӕхт, уӕд. Уый тыххӕй фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цауы аххосаг уыд хӕдтӕхӕджы техникон хӕлд", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хъахъхъӕнынады министрады ма фехъусын кодтой, тӕхджытӕ катапультаци кӕй скодтой, уыдонӕй ӕртӕйы сэвакуаци кодта ирвӕзынгӕнӕн къорд, цыппӕрӕмы нырма агурынц.
Хӕдтӕхӕгыл хӕстӕрмӕджытӕ нӕ уыд, цауы фӕстиуӕгӕн фехӕлдтӕ нӕй, бафтыдтой министрады.