Хуссар Иры тхэквондисттӕ рамбылдтой цыппар майданы ерысты Шахтыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕстон аивӕдты клуб "Рухс сомбон"-ы тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой квалификацион фыццагады Шахтыйы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Чехойты Алеся бацахста фыццаг бынат, Гасситы София та ацыд дыккаг бынатыл. Бронзӕйон майдантӕ рамбылдтой Харебаты Инга ӕмӕ Гӕззаты Артур.
"Ныхмӕлӕуджытӕ фӕлтӕрддӕр кӕй уыдысты, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ нӕ спортсментӕ сӕхи иттӕг хорз равдыстой. Фидарӕй мӕ бон у зӕгъын, мах размӕ кӕй цӕуӕм", - радзырдта спортсменты тренер Гуыцмӕзты Валерий.
Афтӕ ма ӕрныхас кодтой Луганскы ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕты тхэквондойы федерациты минӕвӕрттимӕ.
"Рухс сомбон" клубы спортменты фӕхуыдтой Уӕрӕсейы фыццагады хайад райсынмӕ 17 майы.