Ноджы иу хӕдзар фабрикӕйы бынаты: Цхинвалы райдыдта социалон цӕрӕнуаты арӕзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы бавнӕлдтой ноджы иу бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтадмӕ раздӕры текстилон фабрикӕйы бынаты.
Республикӕ 2025 азмӕ райсдзӕн 75-фатерон хӕдзар, фехъусын кодта Sputnik-ӕн арӕзтадон компани ООО "Престиж"-ы директор Беппиты Инал.
Социалон цӕрӕнуат арӕзт цӕуы Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.
"Мах ныридӕгӕм бавнӕлдтам куыстмӕ. 2025 азы кӕрӕттӕм объект нывӕндӕм раттын эксплуатацимӕ", - загъта Беппиты Инал.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕфатерон корпус арӕзт уыдзӕн дыууӕ блокӕй.
Ныртӕккӕ объектыл уагъд цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ. Архайынц дзы 14 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы цыппар иуӕджы. Проекты иумӕйаг сметон аргъ у 307 милуан 329 мин 550 сомы.